Фысджыты цæдисы

Иры зæххыл цæрдзæнис йæ ном.

Ирон литературæмæ йæ ахадгæ æвæрæнæй адæмы ’хсæн йæхицæн ном чи скодта, уыцы дзырдаивады дæснытæй иу у зындгонд поэт, драматург, публицист, нывгæнæг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, цæстуарзон, хæларзæрдæ адæймаг  Чеджемты Геор. Ацы аз йæ райгуырдыл 80 азы кæй сæххæст, уый фæдыл Фысджыты цæдисы уыд йæ номарæн фембæлд.

 Георы цард æмæ сфæлдыстадон фæндагыл афæлгæсыд Фысджыты цæдисы сæрдар, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Агънаты Гæстæн æмæ ныхасы бар радта рауагъдад «Ир»-ы редактор Дзуццаты Зæлинæйæн.

-Кæд Геор рауагъдад «Ир»-ы 15 азы йеддæмæ нæ фæкуыста, уæддæр йе сфæлдыстадон азфысты ныууагъта зынгæ фæд. Йæ  рæстæджы æнтыстджынæй каст фæци Мæскуыйы полиграфион институт, сахуыр дзы кодта нывгæнæг-графикы дæсныйадыл. Ацы хъуыддаджы тынг дæсны кæй уыд, уый уайтагъд фæбæрæг рауагъдады чингуытыл. Йе ’рмдзæф, иннæ нывгæнджытæй, æмæ аивадон редакторты æрмдзæфæй  уæлдай тынгдæр бæрæг кодта. Хъыг макæмæ фæкæсæд, фæлæ-иу Георы нывтæй аивгонд чингуытæй цыд цыдæр æнахуыр диссаджы хъарм, Уыцы хуызы ма йе ’рмдзæф бæрæг дардта сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ыл дæр. Цæмæй ацы мыхуыры фæрæз ногæй цæуын райдайа æмæ нæ кæстæрты удварны хъомыладыл хорзæй зына, ууыл тынг чи бацархайдта, уыцы арфæйаг адæймæгтæй иу уыд Геор. Йæ уды уæздандзинады, æфсармы миниуджыты аккаг бынат кæй ахстой, литературæйы, нывгæнынады, æвзагзонынады, фольклористикæйы йæ зонындзинæдтæ арф æмæ бирæвæрсыг кæй уыдысты, уый рабæрæг йæ чингуыты «Арвы бæлæстæ», «Фыдæлты хæзна»-йы, «Цола»-йы.  Куыд æй зонут афтæмæй,- дзырдта дарддæр Зæлинæ, Георæн æрæджы рауагътам йæ наукон уацты цымыдисаг чиныг «Фыдæлты хæзна», рауадзынмæ цæттæ у, сывæллæттæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдоны иумæйаг æмбырдгонд дæр, – загъта Зæлинæ.

Геор ирон литературæмæ цы ног жанртæ бахаста, йæ драматургион сфæлдыстадæй нæ театралон аивад зынгæ кæй фæхъæздыгдæр, уый тыххæй та æмбырды йæ хъуыдытæ загъта  газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор, филологон наукæты кандидат Хозиты Барис.

Зындгонд фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Цомартаты Изæтбег та фембæлды радзырдта йæ мысинæгтæ Георæн йе ’мдзæвгæты чиныг «Арвы бæлæстæ» мыхуырмæ куыд цæттæ кодта, стæй йæ нывгæнæджы курдиаты фæрцы  журнал «Ногдзау»-ыл куы зæрдиагæй куыста, æмæ дзы йæ конд нывты æмæ æмдзæвгæты фæрцы сабитæн циндзинад кæй хаста, уый тыххæй.

— Геор уыди уæздан æмæ фырнымд адæймаг, йæ зæрдæйы æмæ уды арфы хаста æцæг поэты, нывгæнæджы æнкъарæнтæй нывæзт рæстаг  дуне. Фидарæй афтæ зæгъæн ис, æмæ Геор йæ поэтикон курдиатæй айгæрста йæхи сæрмагонд фæндаг ирон дзырдаивады, -дзырдта  зындгонд поэт æмæ журналист, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Къадзаты Станислав.

Чеджемы-фырты сфæлдыстад астæуккаг скъолаты ахуырдзаутæн æмæ ахуыргæнджытæн цас уарзон у, куыд зæрдиагæй йæ ахуыр кæнынц, уый тыххæй  бæлвырд æмæ минисджын ныхас ракодтой Дзæуджыхъæуы 5-æм гимназы æмæ 27 –æм астæуккаг скъолайы  ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Уæлыгæсты Мæдинæ æмæ Къораты Жаннæ.

Уыдонæй уæлдай ма номарæн æмбырды Георы бирæвæрсыг сфæлдыстады æмæ ирд курдиаты тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Ирон академион театры литературон хайы сæргълæууæг, журнал «Мах дуджы» сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ æмæ журнал «Ирæф»-ы сæйраг редакторы хæдивæг, зындгонд поэт Колыты Витали.  

Æмбырды рæстæг ма Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы арфæйы фыстæг радта УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг Баситы Зæлинæйæн  йе сфæлдыстадон курдиатæй  нæ республикæйы цæрджыты æфсæддон патриотон хъомыдадыл кæй ауды, уый тыххæй.

Гасанты Валери   

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *