Цæлхæмбырд

Фыдæлты хъæбатырдзинад – æрыгон фæлтæртæн фæзминаг

Фысджытæ æмæ журналисттæ сæ уацмыстæй æмæ мидисджын æрмæджытæй кæддæриддæр хорзæрдæм ахадыдтой фæсивæды зондахастыл æмæ патриотон хъомыладыл. Цæмæй уыцы хъуыддаджы сæ архайд ахадгæдæр уа, уый тыххæй знон ныхас, цыд 58-æм æфсады комындыгæнынад æмæ РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы разамындæн Офицерты хæдзары цы цæлхæмбырд уыд, уым.

Архайдтой дзы УФ-йы Фысджыты цæдисы сæрдар Николай Иванов, РЦИ-Аланийы культурæйы министр Къубалты Эльбрус, нæ республикæйы нациты хъуыддæгты фæдыл министр Цуциты Аслан, Белгороды облæсты фысджыты цæдисы сæрдар Верæ Кобзарь, æхсæнадон æмæ фæсивæдон организациты минæвæрттæ, астæуккаг скъолаты ахуыргæнджытæ.

Цæлхæмбырд амыдта 58-æм æфсады командыгæнæджы æххуысгæнæг Александр Коваль. Æмбырды райдайæны уый ныхасы бар радта Къубалты Эльбрусæн. Уый йæхи номæй арфæ ракодта цæлхæмбырды архайджытæн, стæй бакаст РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы телеграммæ.

«Фысджытæ кæддæриддæр архайдтой адæмы æмæ æхсæнады иудзинадыл. Сæ ныхас кæддæриддæр уыд ныфсы æмæ æууæнчы хос. Уырны мæ, ацы фембæлд дæр хорзæй кæй фæзындзæн нæ республикæйы æмæ сыхаг регионты цæрджыты удварны рæзтыл», — загъд уыд арфæйы телы.

Советон цардарæзты рæстæг æмæ фæстаг азты нæ бæстæйы Фысджыты цæдис æфсæддон патриотон хъомыладыл куыд архайдта æмæ архайы, ацы темæмæ гæсгæ сын цы чингуытæ рауадзын бантыст, иумæйагæй ацы хъуыддаджы сæ къухы цавæр æнтыстдзинæдтæ бафтыд, æндæр сфæлдыстадон организацитимæ ацы æнæнмæнг хъæугæ хъуыддагыл куыд архайынц, уый тыххæй раныхас кодта УФ-йы Фысджыты цæдисы сæрдар Николай Иванов.

Белгороды облæсты Фысджыты цæдисы сæрдар та цæлхæмбырды архайджытæн радзырдта, се сфæлдыстадон организацийæн æфсæддон –патриотон хъомылады хъуыддаджы сæ горæты уæлдæр æмæ астæуккаг скъолатимæ цы бастдзинæдтæ ис, уый тыххæй.

Аив литературæйы фæрцы фæсивæды зæрдæты райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад куыд равзæрын гæнæн ис, уый тыххæй ма сæ хъуыдытæ загътой æхсæнадон организациты минæвæрттæ.

Цæлхæмбырды рæстæг уыд УФ-йы Фысджыты Цæдисы уæнг Геннадий Алехин Цæцæны хæстон цауты тыххæй цы чиныг ныффыста «Излом необъявленной войны. Первая чеченская»-йы презентаци, дæр.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *