Юбилей

Мисурханы æрдзон курдиат

Æфсарм, æгъдау, намыс. Ацы æртæ хорзæхæй Хуыцау æмæ йæ зæдтæ рæдау хай кæмæн бакодтой, йæ уаз дзырдæй Ирыстоны дзыллæйæн ныр цыппор азæй фылдæр зæрдиаг æмæ бинононыг лæггад чи кæны, уый у УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы раздæры директор, ныр та йæ  наукон кусæг Томайты Мисурхан.

Йæ фыдæлтæ сты Куырттаты комæй, Къорайы хъæуæй рацæугæ. Йæ фыд Мысырби уыд зындгонд ирон кадæггæнæг. Дзырдаивады фарнæй уый фæрцы фæхайджын. Адæймаджы цард хатгай афтæ рауайы, æмæ йæ хъысмæт  æнæ аххосæй баппары æнахуыр зилдухæнты. Афтæ уыд  Мысырбийы цардвæндаг дæр. Фыдæвзæгты аххосæй йæ йе ’фсымæртæ  æмæ мадимæ алидзын бахъуыд Узбекистанмæ. Ацы æцæгæлон зæххыл Мисурхан федта царды хур. Фæстæдæр ын йæ бинонты реабилитаци куы скодтой, уæд фæстæмæ æрбаздæхтысты Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Дзæуджыхъæуы. Мисурхан   ахуыр кæнынмæ бацыд  Хетæгкаты Къостайы номыл 13-æм астæуккаг скъоламæ. Раст иу бонау атахтысты  ахуыры азтæ.

Скъола каст  куы фæци, уæд куыста Республикæйы аивадон фонды керамикæ судзæн цехы, фæстæдæр та   Киров æмæ Орджоникидзейы номыл музейы. Уый фæстæ та ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институты нывкæнынады хайадмæ. Афтæ зæгъæн ис, æмæ байгом йæ фæндаг нывкæнынады аивадмæ.

Литературæмæ та  æрбакъахдзæф кодта æхсæрдæсаздзыдæй. Ардæм ын уæрæх фæндаг байгом, абон дæр йæ литературон фыдыл кæй нымайы, уыцы зындгонд поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Мыртазты Барисы руаджы. Йæ фыццаг радзырдтæ мыхуыры куы фæзындысты 1960 азы, уæд сыл  æхсызгонæй сæмбæлд ирон чиныгкæсæг. Мисурхан йæ литературон курдиат фидардæр кодта Мæскуыйы  Максим Горькийы номыл литературон институты. Уырдыгæй куы ссыд, уæд та æртæ азы бакуыста газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы, фæстæдæр та йæ снысан кодтой Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты æнæштатон наукон кусæгæй.

1972 –æм азы Мисурхан сси Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы наукон кусæг. 1984 азæй та уыд йæ директор. 2019 азæй фæстæмæ та у хистæр наукон кусæг.

Нæ литературæйы йæ фæрныг архайд бæрæг у, цы уацмыстæ ныффыста, уыдонæй. Алы азты рауагъдад «Ир»-ы мухуыры рацыдысты йæ радзырдты чингуытæ: «Къахвæндаг», «Адæймаджы фæд», «Кадæггæнæг Томайты Мысырби», «Адæймагæй адæймаджы ’хсæн».

Мисурханæн йæ радзырдтæ сты арфхъуыдыджын, сæ мидис амад у адæймаджы миддуне раргом кæныны кæнонтыл. Йæ сæйрагдæр хъуыдытæ баст сты, адæймаджы зæрдæйы сагъæстимæ, йæ мидунейы цы хъуыдытæ ис, уыдонимæ.

Мæнæ куыд фыста, йæ прозаикон уацмысты тыххæй Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Мæрзойты Сергей: «Томайты Мисурханы радзыртæм ис иу хорз миниуæг. Йæ хъайтартæ сты, йæ кары чи бацыд, царды уæз чи бавзæрста æмæ чи нæ фæтасыд, йæ миддуне сыгъдæгæй кæмæн баззад, ахæм æмбаргæ, бонзонгæ, куырыхон хистæртæ, йæ уды хъарм æмæ рухсæй кæстæрты буц чи дары, хорз зондыл сæ чи ардауы, ахæм лæгау лæгтæ æмæ æфсармджын сылгоймæгтæ».

Кад æмæ рады фæндагыл чи цæуы, ахæм сты йæ уацмысты хъайтартæ. Сæ фæрцы хуыздæр базонæм, цард æмæ хъысмæты иумæйагæй цы ис, æппæт уыцы æууæлтæ.

 Мисурханы сфæлдыстадон бынтæ кæд ахæм бирæ не сты, уæддæр йæ чысыл радзырдты не ’рвылбоны цардæй нывæзт сюжеттæй бæрæг у, сæ автор хъуыдыгæнæг æмæ арæхстджын кæй у, уый. Йæ хъайтартæ сты  хъуыдыгæнæг æмæ, цардмæ æргом æмæ парахат зæрдæйæ чи кæсы, ахæм фæрнджын удгоймæгтæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ сæ автор хъуыдыгæнæг кæй у. Йæ геройтæ сты алы дæсныйæдтыл хæст, фæлæ сæ иу кæны цардыл сагъæс. Цы хъуыддаджы сæр æрлæууыдысты, уый бæлвырд кæй зонынц, уый æвдисæг æнкъарæнджын дзырдтæй.

 Мæнæ куыд зæгъы  йæ хæлары литературон æрмдзæфы тыххæй  УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг Соттиты Риммæ: « Мисурхан кæддæриддæр хæст у йæ царды иудадзыгон  сæйраг хъуыддагыл. Ауды, адæймаджы удварны бæрзæндтæм чи хоны, ирон литературæйы уыцы артыл.»

Куыд музейы директор, афтæ Мисурханæн, йæ къухы бафтыд, ацы рухстауæн артдзæсты фондтæ ног æрмæджытæй фæхъæздыгдæр кæнын. Йæ принципиалон зондахасты фæрцы йæхи æмæ йе ’мкусджыты къухы бафтыд, уæды рæстæджы нæ республикæйы культурæйæн дзуапдæттæг бæрнон адæймæгты хъусдардæй, музейы бæстыхай бындуронæй сцалцæг кæнын, дыууæ хатты йын йæ экспозицитæ ногтæй раивын.

– Абон не ’хсæн чи нал ис, стæй æгас чи у, уыцы фысджыты бинонтимæ æмæ хиуæттимæ фидар бастдзинæдтæ кæй саразын, уый фæрцы сæ царды æмæ сфæлдыстадон фæндагыл дзурæг æрмæджытæй музейы æвæрæнтæ   фæхъæздыгдæр кæнын.

Ацы бонты зындгонд фыссæг Томайты Мисурханыл 80 азы кæй сæххæст, уый кадæн литературон музейы арæзт æрцыд йæ юбилейон изæр. Уырдæм æрбацыдысты РЦИ-Аланийы культурæйы министрады, Национ музейы, Фысджыты цæдисы разамонджытæ, сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, библиотекæты кусджытæ.

Изæры райдайæны Мисурханы царды æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстадон архайды тыххæй радзырдта литературон музейы хистæр наукон кусæг Цхуырбаты Сергей. Уый фæстæ юбилярæн арфæ ракодта РЦИ-Аланийы Культурæйы министр Къубалты Эльбрус.

— Мисурхан, ды дæ, йæ куыст зæрдæйæ чи уарзы, ацы музейы рæзтыл кæддæриддæр зæрдæйæ чи тыхсы, дуджы алы æппæрццæг фæзындтытæй ацы культурæйы артдзæст чи бахъахъæдта, уыцы арфæйаг адæймаг.Дæу хуызæн уæздан æмæ зæрдæхæлар хистæртæй фидауы Ирыстон. Æмæ ма нын бирæ азты дзæбæхæй фæцæр.  Нæ зæрдæтæ нын дæ литературон уацмыстæй кæй рухс кæндзынæ, уый нæ уырны,-загъта Эльбрус æмæ Мисурханæн радта рæсугъд уардиты баст.

Юбилярæн ма йæ литературон æмæ рухстауæн архайды тыххæй сæ хъуыдытæ загътой РЦИ-Аланийы адæмон фыссджытæ Хуыгаты Сергей, Дауыраты Дамир, нæ республикæйы Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг Скъодтаты Эльбрус, ацы сфæлдыстадон организацийы поэзийы секцийы сæргълæууæг, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг Хохойты Энвер, чиныгуадзæн «Ир»-ы сæйраг редактор Тъехты Тамерлан, журналтæ «Мах Дуг» æмæ «Ногдзау»-ы сæйраг редактортæ Хетæгкаты Оксанæ æмæ Томайты Сергей,  Национ музейы хайады сæргълæууæг Козаты Петр.

Ирон литературæйы музей Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæимæ куыд æнгом баст у, уый йæ раныхасы ранывæзта бæстæзонæн хайады сæргълæууæг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Дзугаты-Мурасты Риммæ. Æмæ йын нæ горæты библиотекæты централизацигонд системæйы разамонæг Цъæхилты Зæлинæйы  номæй радта Кады Грамотæ.

Юбилейон изæры кæрон æппæт æрбацæуджытæн дæр зæрдиаг арфæтæ ракодтой Томайты Мишурхан æмæ ирон литературæйы музейы ныры директор, Хъамбердиаты Мысосты номыл паддзахадон премийы лауреат Касаты Аслæнбег.

Сæрмагондæй сæ уарзон æмкусæг æмæ буц хистæры юбилеймæ ацы музейы кусджытæ бацæттæ кодтой Мисурханы цард æмæ сфæлдыстадон фæндаг æвдисæг æрмæджыты цымыдисаг равдыст.  

Гасанты Валери

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *