Курдиатджын поэт, хæрзуд адæймаг

Йæ курдиатæй æмæ уды рæсугъддзинадæй, дзырдаивады руаджы йæ адæмæн бирæ хæрзты чи бацыд, æмгарджынæй кæй зыдтам не ‘ппæт дæр, уыцы уæздан гуырдтæй иу уыдис газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редакторы раздæры хæдивæг, УФ-йы Журналистты æмæ Фысджыты цæдисты уæнг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, поэт, журналист ЦОМАЙТЫ Ростислав. Ацы аз йæ райгуырдыл сæххæст 60 азы.

Æрæджы, Алагиры районы Центрон библиотекæйы уыд Ростиславы номарæн изæр. Арæзт æрцыд РЦИАланийы Фысджыты цæдисы æмæ районы библиотекæйы кусджыты хъæппæрисæй. Æрбацыдысты йæм ацы сфæлдыстадон организацийы минæвæрттæ. Ростиславы хиуæттæ, æрвадæлтæ, Алагиры районы ахуырад æмæ культурæйы кусджытæ, скъоладзаутæ æмæ чиныгкæсджытæ. Номарæн изæры райдайæны уæрæх экраныл равдыстой Ростиславы цард æмæ сфæлдыстадыл дзурæг къамтæ. Йе ‘мдзæвгæтæ йын аив бакастыты Алагиры 3-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ Джыккайты Давид æмæ Черчесты Сослан.

— Ростиславы номыл изæр саразыны тыххæй районы библиотекæмæ куы æрбадзырдтон, уæд мæ фæндыл æхсызгонæй сразы сты. Уый дæр дзурæг у, йæ райгуырæн горæты йын цы стыр кад æмæ аргъ кодтой, ууыл. Ростислав уыдис уæздан адæймаг æмæ курдиатджын поэт, йæ интервьютæ æмæ мидисджын уацтæ газет «Рæстдзинад»- ы кæсджытæ хорз хъуыды кæнынц. Уыдис ын æнкъараг зæрдæ. Фылдæр кæд лирикон æмдзæвгæтæ фыста, уæддæр æм ис нæ абоны зын æмæ гæлиртæ рæстæджы тыххæй фыст, нæ адæмыл, нæ Ирыстоныл кæм сагъæс кæны, ахæм æмдзæвгæтæ, — дзырдта РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдар, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Агънаты Гæстæн æмæ бакаст Ростиславы æмдзæвгæтæй цалдæр.

— Ростиславимæ уыдыстæм хорз хæлæрттæ. Уый хуызæн сыгъдæгзæрдæ адæймæгтæ æз мæ царды бирæ нæ зыдтон, — дзырдта зындгонд поэт, газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг Касаты Батрадз, — Йæ удыхъæд куыд рæсугъд уыд, ахæм зæрдæ дардта йе ‘мгæрттæм, хæлæрттæм. Цыфæнды хъæлдзæгдзинады дæр йæ гаджидау уыд æмгæртты æмæ æмбæлтты цæрайæн.

 Журнал «Мах дуджы» ацы азы фыццаг номыры мыхуыргонд æрцыд Ростиславы цард æмæ сфæлдыстадыл фыст æрмæг, стæй йæ æмдзæвгæты цикл. Батрадз дзы бакаст, йæхи зæрдæмæ тынгдæр чи фæцыд, уыцы æмдзæвгæтæй цалдæр æмæ сын скодта бæлвырд анализ.

Ивгъуыд азы кæрон рауагъдад «Ир»-ы мыхуыры рацыд Ростиславы поэтикон, прозаикон, публицистон, уырыссаг æвзагæй тæлмацгонд уацмысты æмбырдгонд «Удварны хорзæх». Сарæзта йæ филологон наукæты кандидат, рауагъдад «Ир»-ы сæйраг редактор Тъехты Тамерлан.

— Ростиславы æз базыдтон, ЦИПУ-йы ирон филологийы æмæ журналистикæйы факультет каст куы фæдæн æмæ газет «Рæстдзинад»-мæ кусынмæ куы æрбацыдтæн, уæд. Уайтагъд йемæ бахæлар дæн. Адæм æй куыд бирæ уарзтой æмæ йын куыд стыр аргъ кодтой, уымæн мæхæдæг бирæ хæттыты уыдтæн æвдисæн. Йæ алы æмдзæвгæйы æмæ публицистон æрмæджы дæр æвæрдта йæ зæрдæ. Цард нæ адæмы цинтæй, йæ удæй рыст сæ хъыгтыл, — дзырдта Тамерлан.

 — Йæ уацмысты æмбырдгонд «Удварны хорзæх» саразын та æрæфтыд мæн æмæ йæ иннæ хорз хæлæрттæ Агънаты Аланы, Къубалты Николай æмæ Тамерланы зæрды. Æхцайæ дæр нын уыдон баххи æмæ сымах номæй зæгъын стыр бузныг. — Æз æвзонг техникты станцæйы ахуыргæнæгæй куыстон. Æмæ -иу мæ хъомылгæнинæгты æнтыстдзинæдты тыххæй газет «Рæстдзинад»-мæ уацхъуыдтæ арæх фыстон. Æмæ мын сæ-иу мыхуырмæ цæттæ кодта Ростислав. Йæ кусæнуаты къæсæрæй -иу куы бахызтæн, уæд-иу мыл зæрдиагæй бацин кодта, фæныхас-иу кодтам. Æдзухдæр уыд хъæлдзæг æмæ цардбæллон, æнкъардæй йæ никуы федтон, — загъта УФ-йы ахуырады кадджын кусæг Къадзаты Будзи æмæ бакаст поэты цалдæр æмдзæвгæйы.  

Педагогон наукæты кандидат Мзокты Аслæнбег æрдзырдта Ростиславы поэзийы хъомыладон æмæ эстетикон ахадындзинадыл, стæй загъта йæ хъуыды, йе ‘мдзæвгæтæ кæй сты скъолаты ахуыргæнæн чингуытæм бахæссыны аккаг.

 Мыггаджы æмæ æрвадæлты, стæй Алагиры хистæрты номæй, фысымтæн æмæ уазджытæн арфæ ракодтой Æгъуызарты Барис, Цомайты Алик, Гаврил æмæ Агънаты Хъауырбег.

Зындгонд поэт æмæ журналист, зæрдæхæлар æмæ уæздан адæймаг Цомайты Ростиславы ном æрымысынмæ библиотекæмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй уазджытæн бузныджы ныхæстæ загъта Алагиры районы Центрон библиотекæйы сæргълæууæг, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Магкæты Тамарæ.

Гасанты  Валери

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *