ЗÆРДÆБЫН НЫХАС ПОЭТЫ НОГ ЧИНЫГЫЛ

Ирон – дыгурон литературæйы  номдзыддæр  æмæ зындгондæр  фысджытæй иу уыдис Малиты Георгийы  номыл  премийы лауреат, Фыдыбæстæйы   Стыр  хæсты ветеран Тетцойты Таймураз. Уый  уыдис  æрдхæрæны   поэт, лирик, йе  стырдæр  сагъæс   иудадзыг уыдис  нæ адæмы  удыхъæд, сæ зондахаст  æмæ  сын   сæ   цардыуаг   хъæздыгдæр   кæнын. Поэт стыр æргом здæхта   мадæлон  æвзаг  бахъахъхъæнынмæ,  архайдта,   цæмæй  фæсивæд  зоной æмæ  аргъ кæной  сæ мадæлон æвзагæн. Таймуразы  уацмыстæ  сты хуымæтæг, нуарджын æвзагæй  фыст, фæлæ уыимæ тынг   хъæздыг  сты  ирд, зæрдæмæдзæугæ  фæлгонцтæй.   

Тетцойты Таймураз райгуырдис  Цæгат Ирыстоны   Чырыстонхъæуы. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы  фистæг æфсады скъолайы. 1942 азы  йæ арвыстой  Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ. Ирыстонмæ сыздæхтис  1946 азы æмæ куыста колхозы. 1950 азы каст фæцис ахуыргæнджыты институт,1955 азы та  Мæскуыйы М.Горькийы номыл литературон институт. 1959 азæй 1962 азмæ  куыста  ахуыргæнæгæй, фæстæдæр та директоры хæдивæгæй   Дигорайы дыккæгæм астæукккаг скъолайы. 1995 азы хорзæхджын  æрцыд « Ирыстоны намысы»  майданæй.

Таймуразы æмдзæвгæтæ фыццаг хатт мыхуыры фæзындысты журнал «Мах дуджы» 1949 азы. Ныффыста бирæ поэтикон чингуытæ. Сæ зынгæдæртæ сты: «Мæ уарзт æма мæ маст» (Орджоникидзе, 1963), «Мæ рæстзæрдæ æууæнкæ» (Орджоникидзе, 1974), «Уарзт æмæ лæгдзийнадæ» (Орджоникидзе, 1977), «Хуæнхаг дон» (Орджоникидзе, 1983), «Лирикæ» (Орджоникидзе, 1988), «Нифс» (Дзæуæгигъæу, 1993).

Тетцойты Таймуразы чингуытæ  арæх мыхуыры  цыдысты уырыссагау дæр. Тæлмац сæ кодтой  номдзыд советон  поэттæ Ю. Даниэля, Ю.Хазанов, Н.Старшинова, Д.Смирнова, Ю. Мориц, В. Сухарева. Йе сфæлдыстад уырыссагмæ тæлмацгондæй  дæр  фæндаг ссардта   сæдæгай чиныгуарзджыты зæрдæтæм. Уымæн ирд æвдисæн —  йæ  чиныг  «Помню», уырдæм  бацыдысты  Таймуразы  хуыздæр æмдзæвгæтæ  æмæ поэмæтæ    уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй .

Ацы чиныг поэты 95 азы юбилеймæ бацæттæ кодтой   Уæрæсейы Фысджыты Цæдисы уæнгтæ, журнал «Ирæф»-ы сæйраг редактор  Скъодтаты Эльбрус æмæ йæ хæдивæг Колыты   Витали. Чиныджы  проекты автор    у Уæрæсейы Фысджыты  Цæдисы уæнг, Цæголты  Георгийы номыл историон-мемориалон музей-хæдзары  директор Лолаты Батрадз.

Ацы  чиныгæн  æрæджы Дыгуры районы  библиотекæйы  кæсæн залы уыдис презентаци. Сарæзтой йæ нæ Республикæйы Фысджыты Цæдисы правлени, журнал «Ирæф»-ы редакци  æмæ горæт Дигорайы бæстæзонæн музейы разамынд. Æрбацыдысты йæм Таймуразы  поэзийæн стыр аргъ  чи кæны, уыцы чиныгкæсджытæ, аивады æмæ культурæйы минæвæрттæ, скъоладзаутæ, мыхуыры  кусджытæ,  хæстæджытæ, хиуæттæ, æрвадæлтæ  æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фысджытæ, уыдонимæ   уыдысты Скъодтаты Эльбрус, Колыты Витали, Хохойты Энвер æмæ Дыгъуызты Тенгиз. Бæрæгбоны кадджын уазджытæ ма уыдысты  Республикæйы Парламенты депутат Билаонты Батрадз, чиныг рауадзынæн æхцайы фæрæзтæй чи баххуыс кодта,Таймуразы уыцы æрвад, зындгонд меценат Тетцойты Алан æмæ æндæртæ

         Таймуразы тыххæй биноныгæй  радзырдтой  библиотекæйы кусджытæ, сарæзтой йын  йæ цард æмæ йе сфæлдыстады тыххæй   документалон киноныв æмæ йæ чингуыты уæрæх равдыст. Районы скъолаты ахуырдзаутæй аив æмæ зæрдæагайгæ бакастысты поэты æмдзæвгæтæ уырыссагау æмæ дыгуронау.

Таймуразы  ном рох кæй нæ у, йæ   цард  æмæ   йæ  куырыхон, царддæттæг   сфæлдыстад  та  рухс    кæй  хæссы æмæ   нæ абоны  фæлтæрты  арфæйаг фидæнмæ разæнгард кæй кæны, уый тыххæй  дзырдтой æмæ  поэты   зæрдæбынæй мысыдысты    журнал «Ирæф»-ы редакторы хæдивæг  Колыты Витали, поэттæ, Уæрæсейы Фысджыты Цæдисы уæнгтæ  Дыгъуызты Тенгиз æмæ Хохойты Энвер, журнал «Ирæф»-ы сæйраг редактор, Уæрæсейы Фысджыты Цæдисы  Цæгат Ирыстоны правленийы сæрдары хæдивæг Скъодтаты Эльбрус,  Цæголты  Георгийы номыл историон-мемориалон музей-хæдзары  директор Лолаты Батрадз, Республикæйы Парламенты депутат Билаонты Батрадз  æмæ иннæттæ.

Кæронбæттæны  чиныджы  презентаци  аразджытæн  æмæ  æрхуынд  уазджытæн  зæрдиаг арфæ ракодтой  Тетцойты мыггаджы минæвæрттæ.

Цæгат  Ирыстоны  фысджыты  цæдис

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *