Фæндаг — адæмы зæрдæмæ

Йæ адæмы хæрзгæнджыты, йæ адæмы истори хуыздæр, бæстондæр базонын кæй фæфæнды, уыдон æрцагурынц фыссæг Дауыраты Дамиры документалон чингуытæ.

Æмæ та æрæджы Дамирæн рацыд йæ ног чиныг «Цы федтон, цы фехъуыстон, цы бавзæрстон».

Уый фæдыл Фысджыты цæдисы уыд презентаци. Уым Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн куыд загъта, афтæмæй Дамир нæ литературæмæ æрбакъахдзæф кодта барджынæй, литературæйы ссардта йæхи сæрмагонд фæндаг, ссардта фæндаг адæмы зæрдæмæ дæр.

Дауыраты Дамиры сфæлдыстад иртасæг Тъехты Тамерланы хъуыдымæ гæсгæ, фыссæг абонæй фæстæмæ æппындæр куы ницыуал ныффысса, уæддæр адæмы зæрдæйы гуыдыр байгом кодта йæ сыгъзæрин дæгъæлæй.

Уæдæ чиныджы редакторæй хуыздæр чи зæгъдзæн чиныджы тыххæй. Уымæн æмæ йæ уый халгай бакæсы, халгай равзары. Мæнæ цы зæгъы Дамиры чиныджы редактор Дзуццаты Зæлинæ: «Цард цыфæнды зын куы уа, уæддæр дзы вæййы, адæймаджы зæрдæ цæмæй барухс вæййы, ахæм уысмтæ. Рауагъдад «Ир»-ы царды дæр хаттæй-хатт вæййы ахæм бонтæ. Уыдонæй иу уыди, Дауыраты Дамиры ног чиныг «Цы федтон, цы фехъуыстон, цы бавзæрстон» рухс куы федта, уыцы бон. Чиныг арæзт у цалдæр хайæ. Ис дзы документалон уацаутæ, хъæлдзæг радзырдтæ, мысинæгтæ Хуымæллæджы тыххæй, радзырдтæ калм æмæ бирæгъы тыххæй.

Уацаутæ «Æвдæм министр», «Паддзахы цуан Хъамылты», «Меню æртæ бонæн» нын нæ зæрдыл æрлæууын кæнынц, кæддæр адæмы хъысмæт кæмæй аразгæ уыд, уыцы Кучиты Эльбрусы, Хрущевы, Галазты Æхсарбеджы, Владимир Одинцовы, Хъæбæлоты Билары.

Автор ницы æрхъуыды кодта, дардæй кæсы йæ уацауты хъайтартæм æмæ сабыр ныхас кæны. Æмæ диссаг: чиныгкæсæг, автормæ хъусгæйæ, йæхи хатдзæгтæ кæны рæстæджы, адæмы тыххæй…

Дамирмæ ис диссаджы курдиат: цалдæр чысыл фæзилæнæй адæймаджы мидуавæр равдисы. Дамир у рæстаг адæймаг, æмæ уый зыны йе сфæдыстадыл дæр. Йæ радзырдтæ Хуымæллæджы тыххæй фыст сты уæлдай зæрдиагдæрæй. Зæгъæм, радзырд  «Туацъæ ма нæ мысинæгты баззад», зæгъгæ, фæвæййы афтæ: «Уый мæнæн уыдис мæ удлæууæн». Иунæг хъуыдыйад, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, уый у æнæхъæн роман. Ис дзы авторæн йæ адджын мысинæгтæ, йæ зæрдæйы цин æмæ рыст, æмæ ма, æвæццæгæн, махæн кæй нæ зæгъы, зæрдæйы уыцы сусæг бæллицтæ.

Цыдæр магион тых, сусæгдзинад ис, калм æмæ бирæгъты тыххæй радзырды. Хуымæтæг ныхæстæй йæ нæ зæгъдзынæ, фæлæ Дамирæн йæ бон баци, абон дæр кæй нæма зонæм, уыцы æрдзы, уыцы космосы дунемæ чиныгкæсæджы йæ фæдыл асайын…

Дамиры сфæлдыстадыл бирæ ис дзурæн, йæ чингуытæ æдзухдæр адæмы зæрдæмæ фæндаг ссарынц æмæ мæ уырны, ацы чиныг дæр  æхсызгонæй кæй бакæсдзысты, уый».

Чиныджы тыххæй ма сæ хъуыдытæ загътой нæ республикæйы Ветеранты советы сæрдар Къаболаты Солтан, «Стыр ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Еналдыты Хъазыбег, зындгонд скульптор Дзбойты Михал, горæт Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы бæстæзонæн хайады сæргълæууæг Мурасты Риммæ, рауагъдад «Ир»-ы редактор Будайты Милуся, газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барис, газет «Дигорæ»-йы сæйраг редактор Сакъиты Эльбрус æмæ иннæтæ.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *